Премьер-министр æмæ OSCE-ы сæрдар æркастысты оккупацигонд территоритыл сырæзт уавæр, регионы ситуаци æмæ реформæтæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа, OSCE-ы сæрдар, Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эн Линдеимæ фембæлдис.
Хицауады администрацийы пресс-куысты хъусинагæй, ныхасы сæйраг темæтæ уыдысты оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл сырæзт уавæр, регионы уæвæг уавæр æмæ цæугæ демократон реформæтæ.
Гиорги Гахариа банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад зæгъгæ цæттæ у, адарддæр кæна Швецийы падзахадимæ æнгом æмгуыстад, уый нымæцы OSCE-ы сæридариуæгы периоды, кæцыйы иуæй-иу сæйраг приоритетыл шведаг фарс банымадта OSCE-ы регионы уæвæг конфликтты алыг.
Пресс-куысты хъусинагæй, хъусдард здæхт æрцыд оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл Уæрæсейы оккупацион тыхты провокацион архæйдтыты æмæ уæззау гуманитарон уавæрмæ, уый нымæцы, оккупацион хаххмæ хæстæг цæрæг æмбæстæгты æрцахсты факттæм. Премьер-министр бахахх кодта Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй Гуырдзыстоны æмбæстаг Заза Гахеладзейы æрцахсты æмæ Цхинвалы де-факто тæрхондон йын æнæзаконон ахсты стæрхон кæныны уæзазу факт.
Ныхас баххæссыд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмæ инциденттæ маруадзыны механизмты форматты эффективон куыст æмæ нысаниуæг. Эн Линде Гуырдзыстонæн OSCE-ы фарсхæцын конфликты аскуыдздагы æмæ институтты стынг кæныны æрдæм ноджы иу хатт сбæлвырд кодта.
Фембæлдыл хъусдард афтæдæр раздæхтой бæстæйы сæххæст æмæ цæугæ реформæтæм, кæцытæн сæ нысан у бæстæйæн ахсджиаг институтты стынг кæнын.