Позитивон сабырады индексæй, Гуырдзыстон 50 сегасдæр хуыздæр бæстæты æхсæн ис
Позитивон сабырады индексæй, Гуырдзыстон 50 сегасдæр хуыздæр бæстæйы æхсæн ис. Уый фæдыл хыгъдлæвæрд публикаци кæны æхсæнадæмон аналитикон центр «экономикæйы æмæ сабырады институт» (IEP).
Позитивон сабырады 2024 азы хыгълæврдмæ гæсгæйæ, раззаг иртасæнимæ абаргæйæ, Гуырдзыстон йæ позицитæ æхсæз бынатæй фæхуыздæр кодта, 49-æм бынат бацахста æмæ позитивон сабырады бæрзонд æмвæзы статус сфидар кодта.
Позитивон сабырады индекс рабæрæг кæнынц социалон аспектты конструктивон бындурыл. Йæ бакуысты рæстæджы рагхыгъдгонд сты ахæм фактортæ – хицауад дзæбæх куыст, коррупцийы ныллæг æмвæз, пайдаджын бизнес æрдз, ресурсты рæстагæй райуæрст, æндæрты барты райст, информацийы сæрибардзинад, адæймагон капиталы бæрзонд æмвæз æмæ сыхаг бæстæтимæ дзæбæх ахастытæ.
Позитивон сабырады дунейы рейтингы Гуырдзыстон алы сыхаг бæстæйы йæ фæстæ фæуагхдта, постсоветон бæстæты æхсæн та цыппæрæм у Балтийгæрон бæстæты фæстæ.