Потийы Иугонд оппозицийы мертæм кандидат «Националон Змæлды» уæнг , парламентари Тина Бокучава уыдзæн.
Фæнысангонд информаци Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн «Националон Змæлды» Потийы организацийы сæрдар Дареджан Цхвитаридзе сбæлвырд кодта.
«Тынг раст политикон къахдзæф уыд арызт, цæмæй идея-фикс нæу иунæг политикы ынат æмæ парламент. Фронты раззаг хаххыл лæууынц æмæ лæудзысты, кæронмæ тох кæндзысты. Уый у референдум æмæ æвзæрстытæ, нæ бæстæйы уæвын-нæуæвыны фарста скуыддзаг кæны. Уый тыххæй дæр, раззаг хаххыл лæудзысты парламентаритæ иууылдæр. Тина Бокучава иунæг нæу, парламенты уæнгтæ иууылдæр лæудзысты ахæм æлхынцъон, стратегион горæтты кандидаттæй æмæ тох кæнынмæ цæттæ сты» – райхъусын кодта «Националон Змæлды» Потийы организацийы сæрдар Дареджан Цхвитаридзе.