Португалийы финансты министры офисы полици баджигул кодта
Португалийы  финансты  министры  офисы полици баджигул кодта

Португалийы  финансты  министры  офисы полици баджигул кодта.  Марио  Сентенуйы  уагдоны дзурынц, цæмæй  фæдагуырдимæ  æмгуыст кæнынц  æмæ  барадхъахъхæнджытæн  цы документацийы æркурдзысты  уый æппæт бавдисдзысты.   Бынæттон   медиа  хъусын кæны, цæмæй  джигул   æххæссы,   футболон клуб «Бенфикайы»  президенты бинонты  уæнгты æрдгæй  фидонты бафидынæй  хиаиуварс кæнынмæ.

Журналисттæ куыд дзурынц афтæмæй,   фæлывдмигæнæн   схемæйы   фигурир кæны Португалийы  финансты министр  Марио  Сентену.

Скандал фæнысангонд   хъуыддаджы алыварс  фыццаг   сцырын ис   сентябры, фæлæ  Сентену фæлывдмигæнæн  схемæйы сæрмагонд бастдзинадыл нæ сæтты.

Португалийы финансты министр æмæ  еврокъорды  ногæвзæрст   сæрдар  футболон клуб  «Бенфикайы» сæрхъызойтæ сты.  Сентенуйы  цъус рæстæджы размæ  тызмæг   скритикæ  кодтой  уый тыххæй, ома   уый  футболон клуб  «бенфика» æмæ «Портуйы» матчмæ бакæсынæн  билеттæ,    президентон  ложæйы æркуырдта.

Финансты министрады райхæлдтой, цæмæй  æркуырд  æдасдзинады мадзæлттимæ уыд баст  æмæ  закъон уымæйсаст нæ баис.