Польшæйы гуырдзиаг юнкеры хæдзары сараздзысты Гуырдзыстоны культурæйы центр – [видео]

18:57, 27.05.2018

Гуырдзиаг  юнкеры  польшæйы  армийы   раздæры офицеры  Матикашвили Николозы  хæдзары  Гуырдзыстоны культурæйы  центр  æрбайгом уыдзæн. Хæдзар  кæцыйы   гуырдзиаг бнкеры  идæдз,   Гуырдзыстоны паддзахадæн  2007 азы  радæтта,   Варшавæйæ  20  километры дæрццæг лæууы,  цæрæн ран  Пясечнойы.  Бæстыхайы  æмæ йæ тыргъы   цалцæггæнæн  мадзæлттæ  уагъд цæуынц,   Польшæй Гуырдзыстоны  минæварады,  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ   президенты администрацийы   иумæйаг ресурсытæй.

Реабилитацийы проекты  минæвар, Илиа  Дарчиашвии  Фыццаг Къаналæн базонгæ кодта. Николоз Матикашвилийы  хæдзары  тыргъы  абоны онг     ис  сæнæфсиры тала,  кæцыйы ралææрдмæ гæсгæйæ,   гуырдзиаг  юнкерæн  йæ  хæрæфырт  Гиорги Леонидзе, Гуырдзыстонæй  арвыста.

Ныккæнд, торнэ, сæндон – тыргъы  сырæздзæн этнографион  тыгъдад,  равдыстыты залтæ,  цы ран Польшæйы  æфсады  хæцæг  гуырдзиаг офицерты  æмæ  юнкерты  фæдыл  архивы  æвæрд  æрмæджытæ   равæрдзысты.

Гуырдзиаг бнкеры  хæдзар,   гуырдзиаг культурæйы   центрæй  хъуамæ суа – ахæм у  Гуырдзыстоны минæвары  план.

Хуыздæр