Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад æнцой дары Гуырдзыстоны хицауады ног сабырадон инициативæйæн
Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад æнцой дары Гуырдзыстоны хицауады ног сабырадон инициативæйæн – «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм». Уый тыххæй фидиуæны ахæлиу кодта Польшæйы минæварад Гуырдзыстоны.
«Польшйы фæсарæн хъуыддæгтыминистрад егъау аргъ кны æмæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны хицауады инициативæты пакетæн Абхази æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны цæрджытæн – «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм». Ног инициативæ ахъаз уыдзæн базарад рапахат кæнынæн, райрæзын кæндзæн ахуырад райсты æнцонвадатдзинад æм цæрджытæн ратдзæн фадат спайда кной Гуырдзыстоны паддзахады бавдыст æндæр фадæттæй дæр. Уый официалон Тбилисы æрдгæй ноджы иу размæ къахдзæф у Абхазийы æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны сабырадон реинтеграцийы процессы» – дзырдæуы минæварады фидиуæны æмæ афтæдæр банысангонд у, ома Польшæ бæлвырдæй æнцой дары Гуырдзыстоны текрриторион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн æхсæнадæмонæй разы паддзахадон арæнты фæлгæтты.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квиркиашвили, 4 апрелы хицауады рабадтыл бавдыста ног сабырадон инициативæ – «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм», кæцы æххæссы æртæ ардмадмæ: Фыццаг ардæмад – администрацион джихгæнæг хаххыты дæргъмæ, базарад апарахат кæнын æмæ фенондæр кæнын ног фадæтттæ саразыны фæндагæй; Дыккаг ардæма – хæрзхъæд ахуырады райсынæн уæлæмхас фадæттæ сæвзæрын кæнын æмæ сæ æнцонвадат скæнын ахуырады алы æмвæзадыл, куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ фæсарæнты дæр; Æртыккаг Ардæмад та, ахæм механизмы саразын у, кæцыйы руаджы æнцонвадат суыдзысты уыцы дзæбæхдзинæдтæ æмæ пайда, кæцытæ бæстæйы рæзынады фæстиуæгæн, уый нымæцы евроинтеграцийы ф æндагыл фесты æнцонвадат – æнæвизæ дыууæрдæм звæлды бар, сæрибар базарады бар.