Политикон змæлд «Стратегиа Агъмашенебели» æвзæрстгæнджытæн гуырдзиаг патрулы пъæлицæйы реформæйы проект базонын кодта
Политикон змæлд «Стратегиа Агъмашенебели»-ы лидер Гиорги Вашадзе, æвзæрстгæнджытæн гуырдзиаг патрулы пъæлицæйы реформæйы проекты тыххæй радзырдта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ партийы разæвзарнон программæйы хъомысджын структурæйы лæмбынæг ивддзинæдтæ сты приоритетон.
Гиорги Вашадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, «Стратегиа Агъмашенебели»-йы патурлы пъæлицæйы реформæ у, америкайаг моделмæ гæсгæ, деполитизацигонд пъæлицæй саразын.
«Партийы хъуыды кæнынц, цæмæй реформæ ахъаз уыдзæн пъæлицæйæн мотиваци сцырын кæнынæн, цæмæй пъæлицæйæгтæ аккаг æмæ æхсæнадæн хъæугæ адæймæгтæй рахатой сæхи. Нæ модел у америкаг моделы пъæлицæйы системæйы æнгæс, кæнæ та комкоммæ æвзæрст патрулы пъæлицæйы къухдариуæггæнджытæ районы æмвæзыл æмæ централон фæдæвзарæг бюро, цахæм дæр у «FBI» АИШ-ы. Дыккаг компонент у пъæлицæйæгты материалонæй сифтонг кæнын. 2020 азы пъæлицæйагы мызд минимум 500 ларийæ фæфылдæр кæнын хъæуы», – райхъусын кодта Вашадзе.