Политикон платформæ  «Æртыккаг Тых-Стратегиа Агъмашенебели» æвзæрстыты агъоммæ  Тбилисы планы презентаци  ауагъдта
Политикон платформæ «Æртыккаг Тых-Стратегиа Агъмашенебели» æвзæрстыты агъоммæ Тбилисы планы презентаци ауагъдта

«Æртыккаг  тых-Стратегиа Агъмашенебелийы» лидер, Гиорги Вашадзейы  дзырдæй,   поляризацигонд   политикон   æрдзы уавæрты оппоненттæ цъус дзурынц  цæй саразын хавынц  бæстæйæн.

Вашадзе хъуыды кæны, цæмæй  «æртыккаг тыхы»  бавдыст  бæстæйы  рæзынады план  у амбицион  æмæ æнæстандартон, уыимæ иумæ йæ ныхæстæм гæсгæ, «Æртыккаг Тыхы»  балмæ ис  амбици, цæмæй  кæрон скæной дыууæпартиондзынад æмæ бæстæйы  уæвæг   политикон  реалондзинад фæивой.

«Нæ сæйраг приоритет у Гуырдзыстоны  горæтты,  районты æмæ хъæуты  экономикæ  стынг кæнын, цæмæй   сæвзæрын кæнæм  куыстбынæттæ,  райрæзын кæнæм  æфтиаг  алкæцы бинонтæн   æмæ сегасдæр сæйраг аккаг  царды фадат   раттæм  нæ алкæцы  æмбæстагæн,  нæ программæтæ сты  амбицион, стандартон не сты, фæлæ  дæм кæд  амбици нæй  цæмæй  размæ рацæуай,  уæд иудадзыгæй фæстæзад уыдзынæ, æхс у нæ  стратеги» – райхъусын кодта Гиорги Вашадзе.