Пхенчханы Олимпиадæйыл систой фыццаг допинг-тест. Газет USA Today куыд фыссы афтæмæй, япойнаг шорттрэкисты Кэи Саитойы организмы, тобæгонд препарат ссардтой, кæцыйы номхуынд журналисттæн æнæбæрæг у.
Афтæдæр банысан кодтой, цæмæй Саито фыццаг япойнаг спортсмен у историйы, кæцы зымæджы олимпион хъæзтытыл, фæкъуыхцы ис допингы тыххæй.
Спортсмены олимпиадæйæ фæстæм ахуыдтой, æмæ Японийы националон олимпион комитет абон хъавы пресс-конференци саразын æмæ уый фæдыл официалонæй райхъусын кæнын.
Олимпиадæйы репортажты фенын уæ бон у ацы дæнцтыл Фыццаг Къанал /Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)