Германийы минæвар Гуырдзыстоны Петер Фишер 9-æм апрелы фæмардуæвджыты номарæн кад сарæзта.
Фишер бабæрæг кодта 9-æм апрелы мемориал Руставелийы проспектыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, мемориалмæ æрбацыд сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады фарсылхæцындзинадæн.
«Ацы бон Гуырдзыстонæн нысан кæны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.Цы æрцыд ам 1989 азы 9-æм апрелы, Берлины къулы ныппырхæй афæдзы æрдæг раздæр уыд.Уый иу кæны Гуырдзыстон æмæ Германы æмæ дунейы алкæй дæр.Абон дунемæ куы æркæсæм, уæд фендзыстæм, цæмæй сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады хъахъæд нысаниуæгджын æмæ æнæмæнгхъæугæ у.
Æз ардæм æрцыдтæн, цæмæй æххуыс кæнон сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадæн, афтæ дæр, цæмæй кад кæнон, чи фæмард, уыдонæн» – райхъусын кодта Фишер.