Хирургийы националон центрмæ, ивгъуыд æхсæвы пиротехникæйæ пайдакæныны фæстиуæгæн зианбаййафæг дæсгай адæймагы фæхæццæ кодтой, кæцыты нымæцы æхсæзы уавæр абаргæйæ уæззау у.
Фыццаг каналæн хирургийы националон центры ангеологийы æмæ реконструкцион хирургийы жепартаменты къухдариуæггæнæг Ираклий Перадзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, ацы 6 пациентæй æртæйæн бахъуыд хирургион æххуыс æмæ сæ хæдзармæ дæр афыстой, æрмæст æртæйæн та бахъуыд стационары хос кæнын.
«Æртæ пациенты уавæр уыййас уззау разынд, æмæ тыхбын фестæм стационары сæ ныууагъдаиккам. Уыдонæн скъуыд уыдысты къабæзтæ æмæ æнæкæсгæ реконструкцион хирургийы æппæт ресурсæй спайдамæ, вæццæгæн зиангонд къхуы функций фæцыбырдæр уыдзæн. Иу пациентæн бахъуыд æнгуылдзты ампутаци. Æртæдæр пациент сты стационары æмæ сæ сом гæнæн ис хæдзармæ афыссæм» – расидтис Ираклий Перадзе.