Пикрия Чихрадзе- алчидæр, чидæриддæр уыдис системон фыдракæнды сæмæн, æнæмæнгæй хъуамæ фæцинæ уа системæйæ
Гуырдзыстоны президент æнæиухатт дзырдтта, цæмæй расттæрхон, кæцы сæххæст ис раздæры хицауады рæстæджы, реалон расттæрхонæй нæ уыд , фæлæ уыд расттæрхоны имитаци – уый фæдыл райхъусын кодта президенты политикъон нымæрдар Пикрия Чихрадзе абоны пресс-конеференцийыл.
«Уый тыххæй, цæмæй системон фыдракæндты ныхмæ æххæст цæуа реалон расттæрхон æмæ æцæгæй дæр сæвзæрой эффективон механизмтæ, нæ хъуыды у ахæм – системон фыдракæнд у бирæпланон æмæ йын æцæгæй дæр системон æххæстгæнджытæ. Æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй алы уыцы зылды, кæцытæ баст уыдысты ацы системон тохы, сæххæст уа бындурон ивдтытæ. Адон сты прокуррортæ, спец-куыстыты минæвæрттæ, тæрхонгæнджытæ, кæцытæ хайад истой æнæзакъонон архæйдтыты. Æнæмæнгхъæугæ у акæйдæр фæхицæн кæнын системæйæ» – расидтис Пикрия Чихрадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ системæ никуы уыдзæн рæстмæ, кæд æмæ бæрзонд гæстæ нæ банкъардзысты бæрн уыцы миты тыххæй, цыдæриддæр цыдис системон фыдракæнды сæххæсты рæстæджы.