«Pfizer»-ы вакцинæ нырид  Гуырдзыстоны ис
«Pfizer»-ы вакцинæ нырид Гуырдзыстоны ис

«Pfizer»-ы вакцинæ  Гуырдзыстонмæ æрхæццæ ис, –  информаци  уый тыххæй  хъусын кæны æнæнизхъахъъхæды министрад.

«Гуырдзыстоны райдайы æппæтадæмон   вакцинаци.  Америкаг-немыцаг  «Pfizer»-ы вакцинæ   ныридæгæн Гуырдзыстоны ис», – хъусын кæнынц  æнæнизхъахъхъæды уагдоны.

Уыимæ иумæ, уагдоны информацийæ, «Pfizer»-мæ регистраци  æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн  15:00 сахатæй, вакцинацийы  процесс та  16 июлæй  райдайдзæнис.

«Pfizer»-ы вакцинæ    нымадмæ ист у Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийæ.   «Pfizer»-ы вакцинæйæ  æмбæстæгты  иммунизаци фыццаг этапыл авд   медицинон уагдоны цæудзæн.

«Pfizer»-ы вакцинацийæн  хъæугæ дыууæ дозæ, 21-28 боны интервалæй  цæуы арызт.

«Pfizer»-ы вакцинæ  арызт уыд  немыцаг  партнер компани «Биентекимæ»  иумæ.

Æдасдзинады нысанæн, «Pfizer»-ы  æмæ «Астразенекайæ» вакцинаци  æрмæст клиникæты  уыдзæн гæнæн. Китайаг  вакцинæтæ, «Синофарм» æмæ «Синовакæй»  иммунизаци та  æмбæстæгтæн   уæлæмхасæй  арызт    вакцинацийы  центры  уыдзæн сæ бон», – хъусын кæнынц  æнæнизхъахъъæды министрады.

«Pfizer»-æй вакцинацимæ визиты рагахст бакæнын  гæнæн ис  электронон порталыл  – booking.moh.gov.ge .

COVID 19-ы ныхмæ вакцинациимæ баст консультацитæ райсынæн  афтæдæр сæ бон  у  адзурын  номырмæ  – 144-3.

«Pfizer»-имæ  бадзырды фæлгæтты, Гуырдзыстонмæ этапгай лæвæрд уыдзæн  1 000 350  дозæ  вакцинæ.

COVID 19-ы ныхмæ вакцинаци у  инфекцийæ  иргъæвæг  сегасдæр  эффективон æмæ  æдас фæрæз!

Æнæниздзинад хъахъъхæнынады æппæтдунейон  организаци, æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды  уагдæттæ æмæ квалифициргонд дохтыртæ   COVID 19-ы ныхмæ вакцинацийы рекомендаци дæттынц», –  хъусын кæнынц  æнæнизхъахъхъæды министрады.