Петро Порошенко Украинæйы президентон æвзæрстытæм сæрмагонд кандидатурæ раразмæ кодта
Петро Порошенко Украинæйы  президентон æвзæрстытæм сæрмагонд кандидатурæ раразмæ кодта

Петро  Порошенко  Украинæйы  президенты  пост  дыккаг æмгъуыдæй бацахсынæн  сæрмагонд кандидатурæ раразмæ кодта. Официалон фидиуæн  Украинæйы  архайæг президент  Киевы  цæугæ  æхсæнадæмон форумыл  сарызта.

Йæ ралæуды  Порошенко райхъусын кодта, цæмæй  2024 азы Украинæ  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  куырдаит сараздзæн æмæ æнæмæнгæй райсдзæн  НАТО-йы  уæнгдзинады архайадон план дæр.  Порошенкойы  фидиуæнæй,   Украинæйы  хъæуы  «уазал, фæлæ  сабырадон  ахастытæ» Уæрæсеимæ.   Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ  31  марты  плангонд  æвзæрстытыл  хæсты æмæ  сабырады  темæ  иуæй-иу  сегасæй сæйраг уыдзæн, уымæн æмæ адæм  æвзарынц  президенты  æмæ  сæраг къамандыгæнæгы.

Украинæйы  президентон  æвзæрстытæ  31 марты  сырæздзысты.