Украинæйы президенты Петро Порошенкойы фидиуæнæй, Украинæ зæгъгæ Уæрæсейæн тактикъон хæст рамбылдта.
Фæнысангонд фидиуæн уый Уæллаг Радæйы специалон рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта, кæцы уагъд æрцыд Уæрæсейы æрдгæй Украинæйы ныхмæ сæххæст агрессийæ 5 азы сæрмæ гæсгæ.
«Ацы хæсты Мæскуы уый тыххæй райдыдта, цæмæй ам Киевы, Европаг фæзыл, Мæскуы фембылд ис цивилизацион хæсты Украинæйы тыххæй» – райхъусын кодта Порошенко.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы план цæмæй Украинæ ныппырх кодтаит фæкъухцы ис зæгъгæ.
«Ныр Путин тынг хорз æмбары уый æмæ Украинæйы фесæафын нысан кæны цæмæй йæ план сæндидзын кæна Уæрæсейы империй фæкъуыхцы ис. Экономикъонæй уый хъом нæ бауыдзысты уымæн æмæ ныр уавæр тынг серьозон у» – рахъусын кодта Порошенко.
Украинæйы преизденты дзырдæй, ныр Путины нысан у Европæйы ныууæнгтæ кæнын.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе зæгъгæ æнæмæнгæй фембылд уыдзæн хæсты.
«Фондз азы мидæг Путин нæ бахъом ис йæ нысæнттæм баххæссын. Тактикъонæй хæсты мах фæуæлахиз стæм. Кæд баххæсдзыстæм стратегион æмæ кронбæттæн уæлахиздзинадмæ,уый баст у нæ иудзинадыл» – загъта Петро Порошенко.