Петро Порошенко - Саакашвилийы æмæ Савченкойы раргом кæнын хаст æрцæудзæн спецкуыстыты ахуыргæнæн чиныгмæ
Украинæйы президенты ныхæстæм гæсгæ, Михеил Саакашвилийы æмæ Надежда Савченкойы раргом кæнын, гæнæн ис хаст æрцæуа спецкуыстыты ахуыргæнæн чиныгмæ.
Петро Порошенкойы ныхæстæ æрхаста «Украинская правда».
«Фæстаг дыууæ мæйы миæдг Украинæйы æдадсзинады куысты дыууæ рухсдзыд æмæ масштабон операци аугъдта. Фыццаг уыд а.х. протестгæнæг лагеры хайадисджыты бастдзинады сбæлвырд кæнын малороссийы политикон эмиграциимæ уУæрæсемæ, кæцыты катрол кæнынц Уæрæсейы спецкуыстытæ. Ист æрцыд нæфæсайгæ информаци æмæ сыхгæдтам Днепры æмæ цæугæдон Мæскуыйы иугæнæг финансон канал, кæцыйы фæрцы ацы адæймæгтæ ластой «30 æвзисты»» – хъусын кæны Украинæйы президент. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, Савченко æмæ Саакашвили, Украинæйы хъавыдысты паддзахадон фæфæлдæхты сæххæст кæнын, Уæрæсейы пайдайæн.
Дессæйы раздæры губернатор, Порошенкойæн дзуапп ратта Facebook—ы фæрцы. Саакашвили Украинæйы лидеры, мæнгардæй схуыдта. Саакашвилийы ныхæстæм гæсгæ, цæ ном нырид дыккаг хатт æрцыд ахуыргæнæн чингуытæм хаст, æрмæст « Порошенкойы ном та зæгъгæ, хаст æрцæудзæн тæрхонон æмæ криминалон хроникæмæ».