Петер Фишер – Германи тынг æнгом бакусдзæни Гуырдзыстонимæ  Евроинтеграцийы фарстаты
Петер Фишер – Германи тынг æнгом бакусдзæни Гуырдзыстонимæ Евроинтеграцийы фарстаты

Германи тынг æнгом бакусдзæни Гуырдзыстонимæ  евроинтеграцийы фарстаты –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Германийы  минæвар Петер  Фишер  Германийы  баиу кæныны  бонмæ нывонд мадзалыл райхъусын кодта.

«Абон Германийы  баиу кæныны бон  бæрæгбон кæнæм  æмæ  мын   тынг æхсызгон у, айбæрц   гуырдзиаг  хæлæрттæ кæй æрымбрд сты  ам.  Германи тынг æнгом æмкуыст кæндзæн  Гуырдзыстонимæ  евроинтеграцийы æрдгæй. Уый, цæй  саразын хъæуы, ис бирæ  конкретон   проекттæ  политикæйы, афтæма экономикæйы, æрдзы хъахъхъæды, культурæйы сферæта æмæ сегасдæр нысаниуæгджын,  фæсивæды  бастдзинады фæдыл   проекттæ. Уый  у фæндаг европæмæ» –   райхъусын кодта Фишер.

Ееврокомиссийы  12  рекомендацийы сыххæсты фæдыл  лæвæрд фарсты дзуаппæн, Германийы  минæвар  загхта, цæмæй нырма   æгæр  раджы  у прогрессæн аргъ скæнын.

«Хицауад æмæ  парламентмæ  ис амбицион   закъондæттæн  бонвæтк, фæлæ  хъуамæ   фенæм фæстиуæг.  Процесс хъуамæ  уа  инклюзивон, демократон æмæ  плюралистон, фæлæ  сегасдæр сæйраг, фæстиуæг хъуамæ уа  Евроцæдисы стандарттæм æмбæлон» –   банысан кодта Петер Фишер.

Германийы Хæдбарады бонмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Германийы минæарады   организацигондæй,  абон  ацыд райст, кæцыйы уыдысты  Гуырдзыстоны  хицауады  уæнгтæ, политиктæ æмæ  æхсæнады  минæвæрттæ.