Петер Фишер - Германи æмæ Евроцæдис лæмбынæг цæст дарынц Тбилисы айтынггонд фæзындтæм, тыхмидзинад бауромын хъæуы, уый фæндаг куы никуы уыдис
Германи æмæ Евроцæдис лæмбынæг цæст дарæм æмæ аргъ кæнæм Тбилисы айтынггонд фæзындтæн, тыхмидзинад бауромын хъæуы, уый никуы вæййы фæндагæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны Германийы минæвар Петер Фишер социалон хызаджы ныффыста.
Йæ дзырдæй зæгъгæ Германи æмæ евроцæдис Гуырдзыстоны партнертæ æмæ хæлæрттæ сты сабырады, сæрибардзинады æмæ райрæзтæн.
«Тыхмидзинад æмæ зиæнттæ ацы æхсæв Тбилисы протестон акцийыл. Тыхмидзинад бауромын хъæуы. Уый никуы удыис рацæуæн. Германи æмæ Евроцæдис лæмбынæг нæ цæст дарæм æмæ аргъ кæнæм ацы фæзындтæн. Мах стæм Гуырдзыстоны партнертæ æмæ хæлæрттæ сабырады, сæрибардзинады æмæ райрæзтæн» – ныффыста минæвар.