Петер Фишер – Фæнды нæ, Гуырдзыстон суа  Евроцæдисы уæнг, бæстæмæ лæвæрд уа кандидаты статус цæугæ азы  декабры
Петер Фишер – Фæнды нæ, Гуырдзыстон суа Евроцæдисы уæнг, бæстæмæ лæвæрд уа кандидаты статус цæугæ азы декабры

Фæнды нæ Гуырдзыстон суа Евроцæдисы уæнг, фæнды нæ, цæмæй Евроцæдисы совет Гуырдзыстонæн ратта   кандидаты  статус цæугæ  азы декабры, – уый фæдыл  Германийы  минæвар, Петер Фишер, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  загхта.

Афтæма йæ  дзырдæй, кандидаты  статусы райсты  цауы,  райдайдзæн бадзырдтæ Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæдыл, фæлæ  уымæн хъæуы, цæмæй Гуырдзыстон сараза хъæугæ къахдзæфтæ.

«Мах Гуырдзыстонæн ранымадтам 12  приоритеты æмæ нæ фæнды, фенæм нысаниуæгджын размæцыд  ацы рекомендациты сыххæсты æрдгæй, ацытæккæ, сæрмгаондæй  расттæрхоны æмæ   деолигархизацийы   æрдæмадæй.   Хъæуы нæ  фенæм, цæмæй Гуырдзыстон  ноджы  фылдæр нысаниуæгджынæй  æрыввахс уа  Евроцæдисы  нормæтæм æмæ стандарттæм.  Бæстæ иуæй-иу  рекомендаци  сыххæст кодта,  иннæ цауты, нæ фæнды  фенæм  нысаниуæгджын размæцыд», –   райхъусын кодта Петер Фишер.