«Персеус стратеджийы» хаццæг- Уæрæсейы политикон ахстгондты номхыгъды 2008-æм азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстимæ баст уæнгтæ дæр бахаудысты

Уæрæсейы политикон мотивæй ахстгондты æхсæн 2008-æм азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстимæ баст уæнгтæ бахаудысты. Информаци Вашингтоны бындурæвæрд юридион компани «Персеус стратеджи» парахат кæны, кæцыйы хаццæгмæ гæсгæ дæр, Уæрæсейы 230 æй фылдæр политикон мотивæй ахстгонд ис.

Иуæй иу уыдонæй Петр Парпулов у, кæцы 2016-æм азы фыдыбæстæйы гадзрахаты аххосджын кодта æмæ 12 азы ахст уыд нысангонд.

Хаццæгы афтæ дæр ис Екатерина Харебава, кæцы 2014-æм азы Уæрæсейы шпионажы аххосджын кодта. Фæдагуырдмæ гæсгæ, уый 2008-æм азы йæ æрдхордæн смс арвыста, кæцыйы уыд фыст уырыссаг техникайы змæлд Гуырдзыстоны æрдæм. Харебава 2013-æм азы æрцахстой.