2025 майы бæрæггæнæнтæй, пенсион активты бæрцуат 1.420 миллиард ларимæ ахæццæ ис, кæцыйæ лæвæрд пайдайы бæрц у 148.8 млн лари, – информаци уый тыххæй хъусын кæны пенсион агентад.
Афтæма сæ информацийæ, активтæ æвæрд сты гуырдзиаг коммерцион банкты æмæ сæм æмхас цæуы афæдзон пайда 11 проценты бæрц. Пенсион активты 62 процент æвæрд сты депозитон сертификатты æмæ æмгъуыдджын депозиттыл, æрмæст 38 % та пайдаджын цæугæ хынцтыл. Пенсион активтæ абоны бонмæ сты лариты инвестиргонд.
Бамбырдгæнгæ пенсийæ спайда кодтой 800-ы онг адæймаг. Пенсион схемæйы баст уæнгты нымæц рæзы æмæ мæйы мидæг 11 000-æй фылдæр адæймаг баиу вæйы схемæмæ, ацы рæстæгмæ та 1 145 808 схемæйы хайадисæг у регистрацигонд.