Пенсион  агентады бæрæггæнæнтæй, пенсион активты аргъад, 2.87 миллиард лари, сыгъдæг æфтиаг та, 421 милуан  лари у
Пенсион агентады бæрæггæнæнтæй, пенсион активты аргъад, 2.87 миллиард лари, сыгъдæг æфтиаг та, 421 милуан лари у

Пенсион агентады бæрæггæнæнтæй, 2022  азы  7  декабры уавæрæй,  æмтгæйон  пенсион  активты аргъад  у 2.87 миллиард  лари, сыгъдæг æфтиаг та  421  милуан ларийы бæрц у.

«Пенсион схемæйы  хайадисджыты  нымæц  милуан 349 мин  адæймаг у.  Абоны бонмæ  бамбырдгæнгæ пенсийæ спайда кодтой æндæр æмæ æндæр категорийы  2  838  гоймаг,  уыдонмæ лæвæрд   суммæ та   7 103 780.53 ларийы бæрц у», –  банысан кодтой  пенсион   агентады.

Уыимæ пенсион   агентады  инвестицион   портфелы  2022 азы   ноябры  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ   пенсион   фонды   сыгъдæг    æфтиаг  фонды  скуысты фæстæ (2019 азы фыццаг январ)  2022 азы  ноябр хынцгæйæ,  39ю9  процент, æрмæст  реалон   æфтиаг та (инфляци  хынцгæйæ)  аналогион периоды 1.71  процент уыд.

Афтæма сæ хъусинагæй, 2022 азы   30  ноябры  уавæрæй, пенсион   активты  сыгъдæг  аргъад 2ю85  млрд   ларийы бæрц уыд. Уырдгæй  инвестицион   архайды  фæстиугæнæ  ист сыгъдæг æфтиаг  418  милуан лари уыд.