Пенитенцион системæйы, ахæсттæн куысты тыххæй, се æфхæрды æмгъуыдтæ фæкаддæр уыдзысты
Ахæстты куысты баахъазы нысанæй, æфхæрдæххæсткæнынады æмæ пробацийы министрад прецедент кæмæн нæй ахæм проекты ауадзын план кæны – ног инициативæйы фæдыл æфхæрдæххæсткæнынады æмæ пробацийы министр Каха Кахишвили парламентон комитеты иугонд рабадтыл фæныхас кодта, кæцыйыл Гуырдзыстоны хицауадæн æууæнкы расидыны фарст æркастысты.
Каха Кахишвилийы, фидиуæнæй, уагдон ног механизмы æрбайсыныл кусы, кæцымæ гæсгæ дæр, пенитенцион уагдоны кусæг ахæстæн, куысты бонтæм гæсгæ, æфхæрды æмгъуыдтæ фæъкаддæр уыдзæн.
«Ай уыдзæн революцион закъондæттæн ивындзинад, кæцыйы бавдисдзытæм 2018 азы æмæ кæцы баххæсдзæн ахæсттæн æфхæрды æмгъуыдты фæкаддæр кæнынмæ, кæд æмæ уый бакусдзæн уæд – иу куыст бон, минус иу бон æфхæрды æмгъуыдæй, æмæ афтæ тасы рыскъытæм æмбæлгæйæ» – загъхта Каха Кахишвили æмæ банысан кодта цæмæй пенитенцион системæйы куыст раттын, иттæг нысаниуæгджын фарст у.
Уый параллелонæй план кæны пенитенцион уагдæтты территорийыл, кондадты æмæ куысты ног бынæтты саразынæн, бизнесæн ахъаззаг программæты æрфидар кæнын.
Ныр пенитенуион системæйы куысты бирæ фадат ис. Ис кондадтæ, кæрдзынфыцæнтæ, хуийæн кондад, кæцыйы дæр ахæсттæ кусынц æмæ уымæ æмбæлон мызд исынц. Афтæма ахæсттæ микробизнесы статусæй пенитенцион уагдоны индивидуалон куыст дæр кæнынц. Уыдон цы аразынц, уый æппæт æй кæны онлайн дуканийы www.online.moc.gov.ge-ы фæрцы. Реализацийæ райсгæ суммæ та сæм бацæуы сæрмагонд хынцмæ.
Ахæстты куысты программæ, æфхæрдæххæсткæнынады æмæ пробацийы министрады иуæй-иу приоритет у, кæцы ахъаз у ахæстты ресоциализаци-реабилитацийæн æмæ фæлхатгæ фыдракæнды превенцийæн.