Павел Херчински–Украина тох кæны уыцы аргъдзинæдтæн, кæцытыл Европа у бындурæвæрд, Украинайы тох нæ тох у, Украина хъуамæ фæуæлахиз уа
Павел Херчински –Украина тох кæны уыцы аргъдзинæдтæн, кæцытыл Европа у бындурæвæрд, Украинайы тох нæ тох у, Украина хъуамæ фæуæлахиз уа
Украинайы, Уæрæсейы æнæпропорцион æмæ æнææмбаргæ бабырсты райдайæнæй, иу афæдз аивгъуыдта. Хæст æппæтдунеон рæстады фундаменталон аргъдзинæдты æмæ принципты æнæпрецедентон хæлд у. Украинамæ бабырстой, уымæн æмæ уый фæндыд сæрмагонд фидæн йæхæдæг равзæрстаит, Мæскуы нæ фæлæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Херчински расидтис видео-басидæны.
Минæвары ныхасмæ гæсгæ, ИНО-йы уагæвæрдмæ гæсгæ, Украинайæн, куыд агрессийы амæттагæн, ис хибахъахъхъæнады бар.
«Евроцæдис даргъ кæны иумæйагæй Украинайы фарсылхæцындзинад–гуманитарон, экономикон, политикон, дипломатион æмæ æфсæдтон фронттыл. Ацы агреси æрмæст суверенон бæстæйы, Украинайы ныхмæ нæу, уый у демократийы ныхмæ æнæхъæн дунейы. Уый хæссы тæссагдзинад алы бæстæйæн, уымæн æмæ æртхъирæн кæны сæ хæдбардзинадæн æмæ бартæн саразой æвзарæн сæрмагонд фидæны фæдыл.
ИНО-йы генералон ассамблеайы æхсæз резолюци Уæрæсейы æппæтдунеон ныхмæлæуд æмæ изоляци бæлвырд кæны.
Украинайы æрдæм Евроцæдисы фарсылхæцындзинад æндæр партнерты æрдæм нæ фæкъаддæр кæндзæн хъусдард.
Гуырдзыстоны æввахс æмкуыстдзинад Евроцæдисимæ, кæцы бындурæвæрд европон аргъдзинæдтыл у Евроцæдис æмæ Гуырдызстоны æхсæн ноджы æввахс æмахастыты самадæн.