Павел Герчинский – æмбарын, цæмæй зноны хъусынгæнинæгтæ бирæты дисы бафтыдтой, мах æмбарæм уæ маст æмæ ныфссастдзинад, фæнды мæ зæгъон гуырдзиаг адæмæн, цæмæй Евроцæдис сымахимæ лæууы

10:39, 29.11.2024

Æз æй æмбарын, цæмæй зноны хъусынгæнинæгтæ бирæйы дисы бафтыдтой, уый уыд æнæнхъæлæджы, – расидтис Евроцæдисы минæвар Гуырдзыстоны, Павел Герчинский.

Герчинский куыд банысан кодта, афтæмæй уый æмбары гуырдзиаг адæмы маст æмæ ныфссастдзинад. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Евроцæдис лæууы гуырдзийаг адæмимæ иумæ.

«Фыццаджы дæр мæ фæнды зæгъон гуырдзиаг адæмæн, цæмæй Евроцæдис сымахимæ лæууы. Æххæстæй æмбарæм уæ маст, уæ ​​ныфссастдзинад. Мах æмбарæм, цæмæй Евроцæдисы уæнгдзинад Гуырдзыстонæн уыд гуырдзиаг адæмы стыр фылдæры фæндон. Уый уыд Гуырдзыстоны æппæт хицауадты æргомгонд фæндон дæр, уыцы нымæцы Гуырдзыстоны фæстаг хицауады дæр. Æмбарын æй, зноны хъусынгæнинæгтæ бирæты дисы бафтыдтой, æнæнхъæлæджы кæй уыд, уый. Æмбарын æй, цæмæй демонстрацитæ нæ уыдысты организацигонд. Уыдон иу политикон партийы нывæзт дæр нæ уыдысты. Уый уыд гуырдзиаг адæмы æнæнхъæлæджы реакци, æрмæст Тбилисы нæ, фæлæ бæстæйы бирæ горæтты.

Кæй зæгъын æй хъæуы, мах тæрхон кæнæм сабырадон демонстрантты ныхмæ тыхæй спайда кæнын. Уый бынтон æнæрайсгæ у. Цыфæнды демократийы дæр адæмæн хъуамæ уа бар сабырадонæй равдисой сæ хъуыдытæ», – расидтис Герчинский.

Хуыздæр