Павел Герчински -нæ фæндон у, Гуырдзыстон йæ уникалон культурæ æмæ традицитимæ Евроцæдисы хай суа, баззайут Евроцæдисы фæндагыл æмæ уæ уырнæт, ацы фæндагыл уæ фарсмæ лæууæм
Павел Герчински -нæ фæндон у, Гуырдзыстон йæ уникалон культурæ æмæ традицитимæ Евроцæдисы хай суа, баззайут Евроцæдисы фæндагыл æмæ уæ уырнæт, ацы фæндагыл уæ фарсмæ лæууæм

Нæ фæндон у, Гуырдзыстон йæ уникалон культурæ æмæ традицитимæ Евроцæдисы хай суа, баззайут Евроцæдисы фæндагыл æмæ уæ уырнæт, ацы фæндагыл уæ фарсмæ лæууæм.

Уый фæдыл сиды Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар.

«Абон, Европайы бон у! Алы аз, растдæр ацы бон, мах хъуыды кæнæм уыцы фæндагыл, кæцы сабырад æмæ æмкуыстдзинады уындæй райдыдта æмæ 27 бæстæйы алкæмæй æнтыстджын æмæ бонджын цæдисмæ айрæзт, сæ хъауджыгонд истори æмæ культурæимæ, фæлæ алы иумæйаг аргъдзинæдтæ æмæ тырнындзинæдтимæ иугонд.

Гуырдзыстон фыццаг хатт нысан кæны Евроцæдисы уæнгдзинады кандидат статусимæ. Уый æцæгæй дæр историон цау у нæ иумæйаг европон фæндагыл.

Гуырдзыстоны нысан у Евроцæдисы уæнг суа, спайда кæна уæнгдзинады алы привелегийæ æмæ афтæ дæр уыцы бæрн сыххæст кæна.

Азы кæрон Евроцæдис аскъуыддзаг кæндзæн, авæрдзæн æви нæ Гуырдзыстон радон къахдзæф уæнгдзинады фæндагыл.

Уый фадат ис ныр. Ма ауадзут уæ къухæй. Нæ цæдисы дуар гом у! Арфæ уын кæнын! Нæ фæндон у, Гуырдзыстон йæ уникалон культурæ æмæ традицитимæ Евроцæдисы хай суа, баззайут Евроцæдисы фæндагыл æмæ уæ уырнæт, ацы фæндагыл уæ фарсмæ лæууæм» -сиды минæвар.