Павел Герчински – кандидаты статус раттыны рекомендаци, Гуырдзыстоны цæрджыты европаг фидæнæн фидар фарсхæцыны, фæстаг азты цы размæцыд уыдис уый банымад у
Павел Герчински – кандидаты статус раттыны рекомендаци, Гуырдзыстоны цæрджыты европаг фидæнæн фидар фарсхæцыны, фæстаг азты цы размæцыд уыдис уый банымад у

Кандидаты статус раттыны  рекомендаци  у Евроцæдисы æрдгæй  Гуырдзыстоны цæрджыты, йæ адæмы  европаг  фидæны фидар  фарсхæцыны, фæстаг азты  цы размæцыд уыдис  уый нымадмæ райст,- уый æдыл  Гуырдзыстоны евроцæдисы минæвар  Павел Герчински  прессконференцийыл   райхуъсын кодта.

«Зæрдиагæй арфæ кæнын алы политикон лидерæн, хицауадæн, оппозицийæн, парламентæн, президнтæн, æмбæстагон дзыллæйæн, сымахæн, медиайæн, фæлæ фыццаджы дæр , зæрдиагæй арфæ кæнын Гуырдзыстоны цæрджытæн, адæмæн, кæцы  фидар æмæ фæдфæдонæй  йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны европаг фæндагæн. Уый у  Евроцæдисы æрдгæй Гуырдзыстоны цæрджыты, йæ адæмы  европаг  фидæны фидар  фарсхæцыны, фæстаг азты  цы размæцыд уыдис,  уый нымадмæ райст, уымæн æмæ  ацы европаг  тырнынадтæ  Гуырдзыстоны  алы æмбæстагы  иу кæнынц.  Æз нырма нæ федтон Гуырдзыстоны иу ахæм æмбæстагы, кæцыйы нæ фæндыдаит, цæмæй сæ бæстæмæ лæвæрд уыдаит кандидаты статус», –  райхъусын кодта Павел Герчински.

Еврокомисси рекомендацийæ баздæхт  Европаг Советмæ, Гуырдзыстонæн Евроцæдисы кандидат бæстæйы статус раттыны фæдыл.