Павел Герчински – Гуырдзыстоны вице-премьерæн базонын кодтон Евроцæдисы 27 уæнг бæстæйæ, цæмæй хъыгаг у Гуырдзыстоны хицауады уынаффæ  райса комкоммæ тахтытæ  Уæрæсейæ
Павел Герчински – Гуырдзыстоны вице-премьерæн базонын кодтон Евроцæдисы 27 уæнг бæстæйæ, цæмæй хъыгаг у Гуырдзыстоны хицауады уынаффæ райса комкоммæ тахтытæ Уæрæсейæ

Уыдис нын тынг дзæбæх  æмæ  æргомзæрдæ   ныхас   вице-премьер,  экономикæйы министр Леван Давиташвилиимæ  комкоммæ  тахтыты  фæдыл   Уæрæсе æмæ   Гуырдзыстоны æхсæн, мæнæн бахæс кодтой,  базонын кæнон  Гуырдзыстоны хицауадæн  Евроцæдисы  позици, кæцы   разыгонд у  27   уæнг  бæстæйы æхсæн Брюсселы, –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  евроцæдисы  минæвар Павел Герчински  райхъусын кодта.

Минæвар   Леван Давиташвилиимæ уагъд фембæлды фæстæ   куыд райхъусын кодта афтæмæй,   уый  Гуырдзыстоны  хицауады  минæварæн базонын  кодта  евроцæдисы  бæстæты  позици   Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  комкоммæ  тахтытæ  сног кæныны  фарстайыл.

«Фембæлдыл   мемæ  уыдис Тбилисы  уæвæг   Евроцæдисы алы  бæстæйы минæвар. Иумæ базонын  кодтам,  цæмæй   хъыгаг у  Гуырдзыстоны   хицауады  уынаффæ,  райсой  комкоммæ тахтытæ  Уæрæсейæ.  Базонын  кодтам, цæмæй  ацы  уынаффæ  йæ ныхмæ у  27   уæнг бæстæйы  æмхъæлæсонæй   ист уынаффæйы ныхмæ,  цæмæй  сын ма уа  комкоммæ  тахтытæ   Уæрæсемæ æмæ Уæрæсейæ, кæнæ  ма раттой  бар уырыссаг  хæдтæхджытæн евроцæдисы  территорийы уылты тæхын. Афтæма равдыстам сагъæстæ  ома  ацы  уынаффæ  йæ ныхмæ  у   нæ  уынаффæйæн, изоляцийы скæнæм Уæрæсе  æмæ  йыл сыххæст кæнæм æлхъывд, цæмæй  фæивæм  Уæрæсейы   архайд,  хъуыддаг куы æххæссы   æбуалгъ, агрессивон хæстмæ, кæцыйы  Уæрæсе ацы рæстæгмæ   дарддæр кæны Украинайы. Æцæг у, уый  уыдис  Уæрæсейы иуфарсон   уынаффæ   сног кодтаит тахтытæ  Гуырдзыстонимæ, фæлæ  уымæн ма афтæдæр хъуыдис   барлæвæрд Гуырдзыстоны  хицауады æрдгæй.  Растдæр уый тыххæй  мын бахæс кодтой  базонын кæнын  æрвитæггаг  Евроцæдисы  27  уæнг бæстæйæ, цæмæй  хъыгаг у  Гуырдзыстоны хицауады   уынаффæ,  райса  комкоммæ тахтытæ  Уæрæсейы æмæ  Гуырдзыстоны æхсæн», – райхъусын кодта  Герчински.