Павел Герчински – цы ахаст хъуамæ уа Уæрæсейы æмбæстæгты æрдæм, кæцытæ  хайгай  мобилизацийы тыххæй æрцыдысты, уый гуырдзиæгты æмæ Гуырдзыстоны хицауады аскуыддзаг кæнинаг у
Павел Герчински – цы ахаст хъуамæ уа Уæрæсейы æмбæстæгты æрдæм, кæцытæ хайгай мобилизацийы тыххæй æрцыдысты, уый гуырдзиæгты æмæ Гуырдзыстоны хицауады аскуыддзаг кæнинаг у

Цы  ахаст хъуамæ  уа Уæрæсейы  уыцы æмбæстæгты æрдæм, кæцытæ  хайгай мобилизацийы тыххæй   Гуырдзыстонмæ æрцæуынц, уый  гуырдзиæгтæн æмæ Гуырдзыстоны  хицауадæн сæхи бар у, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæвар, Павел Герчински  райхъусын кодта.

Минæвар  фæнысангонд фарстыл  журналистты фарстæн ратта  дзуапп.

«Хъыгагæн, мæнæн  нæу  мæ  бон зæгъын цавæр ахаст хъуамæ уа,  уый гуырдзиæгтæн æмæ Гуырдзыстоны хисцауадæн сæхи бар у.  Цæй зæгъын æй хъæуы, æмбарын, цæмæй  Уæрæсейы президенты уынаффæ,  райдыдтаит  хайгай мобилизаци, расайдта  уырыссæгты  къада.  Фæлæ уый  у Гуырдзыстоны  аскуыддзаг кæнинаг», – райхъусын кодта Евроцæдисы минæвар.