Павел Герчински – ацы рæстæгмæ нæм нæй информаци, цæмæй Гуырдзыстон санкциты иуфарс æрзилыны æххуыс кæны
Евроцæдис тынг карз санкцитæ сфидар кодта Уæрæсейы ныхмæ. Зонын, цæмæй æндæр æмæ æндæр бæстæ йæ къух аразынц иумæйаг тыхархайдæн æндæр æмæ æндæр фæндæгтæй, Гуырдзыстон сфидар кодта иуæй-иу нæ санкцийы, фæлæ сеппæт дæр нæй. Фæнды нæ, Гуырдзыстон сифтонг кæна йæ территоритæ æмæ гуырдзиаг компанитæй мачи спайда кæна санкциты иуфарс æрзилынæн, ацы рæстæгмæ нын нæй информаци, цæмæй Гуырдзыстон санкциты иуфарс æрзилыны æххуыс кæны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ хъæуы, Уæрæсе фæива йæ архайд æмæ баурома агресси Украинайы ныхмæ.
«Евроцæдис иттæг карз санкцитæ сфидар кодта Уæрæсейы ныхмæ. Нæ нысан у, фæивæм Уæрæсейы архæйдтытæ æмæ сифтонг кæнæм уый цæмæй Уæрæсе ныууадза йæ аргесси Украинайы ныхмæ куыд гæнæн ис афтæ тагъд, цæмæй ацы æбуалгъ хæст фæуа. Нæ бирæфарсон политикæйы иуæй-иу элемент Уæрæсейы ныхмæ, сты санкцитæ. Евроцæдисы уæнг 27 бæстæ иууылдæр алы хатт æрныхас кодтой санкциты ног пакеты фæдыл æмæ уый арахмæ афтæдæр нæ æхсæнадæмон партнертимæ иумæ. Зонын, цæмæй æндæр æмæ æндæр бæстæ йæ къух аразы иумæйаг тыхархайдæн æндæр æмæ æндæр фæндæгтæй æмæ Гуырдзыстон сфидар кодта иуæй-иу санкцитæ, фæлæ сеппæт дæр нæй æмæ нæ фæнды, цæмæй Гуырдзыстон сифтонг кæна, цæмæй йæ территоритæ æмæ гуырдзиаг компанитæй мачи спайда кæна санкциты иуфарс æрзилынæн. Ацы рæстæгмæ нын нæй информаци, цæмæй Гуырдзыстон санкциты иуфарс æрзилыны æххуыс кæны искæмæн», – райхъусын кодта Павел Герчински.