Патриархмæ лæвæрд æрцыд «Сыгъзæрин Базыр» - Самеба махæй домы æмуддзинад, Ома нæ зæрдыл дарæм ай
Каталикос-Патриарх Илья Дыкккагмæ нацийы мидæг удон интересты фæтыхджындæр кæныны тыххæй лæвæрд æрцыд хорзæх «Сыгъзæрин Базыр». Хорзæх лæвæрд æрцыд Патриархы фонды къухдариуæггæнæг Лаша Жваниамæ.
Лаша Жваниа сценæйыл бакастис Илья Дыккаджы фæсидт.
«Хъуамæ бацархайæм, нæ кæрæдзийы бауарзæм æмæ рараст кæнæм. Нæ кæрæдзийæн цыт кæнæм. Фæлæ мах, стыр уарзондзинад куыд зонæм, афтæдæр стыр фыдзæрдæдзинадыл стæм ахуыр. Уыдис мын цæстылуайæн – Уыдтæн Бодбейы Сыгъдæг Нинойы моладзандзоны æмæ мæм уым архайæг мæдтæ раттой тыхтон. Райхæлдтон æй æмæ дзы йæ мидæг уыдис æвдыст Сыгъдæг Самеба. Йеуæд азылдтон тыхтон иннæ фрасмæ æмæ йыл фыст уыдис – æмуддзинад. Ома ахъуыды кæнæм ай тыххæй. Уый курæг махæй нæ Самеба – æмзæрдиондзинады! Самеба у æмуддзинад – Фыд, йæ фырт æмæ сыгъдæг уды мидæг æмæ раст уый курæг у махæй дæр. Мауал бæгънæг кæнæм искæй сахъаттæ – нæ уарзондзинадæй сæ бамбæрзæм» – дзырдæуы Патриархы сидты.
«СыгъзæринБазыры» фынддæсæм юбилейон хорзæхджын кæныны церемонийыл лæвæрд цæуынц 21 хорзæхы. «Сыгъзæрин Базыры» схорхæзджын кæныны æрвылазон церемони уагъд цæуы фысымуат «Билтморы».