Патриархийы фидиуæн 17 майы тыххæй
Патриархийы фидиуæн 17 майы тыххæй

 

Гуырдзыстоны  патрирахий 17 майы фæдыл  фидиуæн аразы. Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,   панихидæ æмæ кувгæ  цыд  дæр ацы аз  уыдзысты   иу æрдгæй бинонты  бонмæ, æрмæст иннæ рдгæй  та сабырдзинадмæ  нывонд  куыд   Гуырдзыстоны,  афтæ Украинайы  æмæ  æппæт Дунейы.

«Бирæ хатт  банысан кодтам, цæмæй   не стыр   зæрдæрыст сайы  уыцы  хæстон архæйдтытæ, кæцыты  Уæрæсе æххæст кæны  Украинайы. Хæст у залым ми.  Уый уæлдай кæны   мингай  адæймагы  цард, куынæг кæны бинонты  амонд.  Бинонты æмæ  сабырдзинады темæйы   ацы  бон  арызт уыдзæн  сывæллæтты нывты равдыст  Сионы  кафедралон  аргъуаны кæрты.  Баиу уæм  кувгæйæ æмæ  цыдæй  баиу уæм,  уыцы фæндæй, ома  фыдыбæстæ райдайы  бинонтæй  æмæ  цæмæй  фидар бинонтæ бæстæйы  фидардзинады æмæ  тыхы  бындур у», –   дзырдæуы  фидиуæны.