Патриархий -  Илья Дыккагы  æмæ  Бидзина Иванишвилийы фембæлдыл загъдæуыд, ома  фæстаг рæстæджы  резонансон   фæзындтæ  æнæ æрмæст  аргъуанмæ  бырст у, фæлæ ма  афтæдæр  сты  паддзахады  ныхмæ
Патриархий - Илья Дыккагы æмæ Бидзина Иванишвилийы фембæлдыл загъдæуыд, ома фæстаг рæстæджы резонансон фæзындтæ æнæ æрмæст аргъуанмæ бырст у, фæлæ ма афтæдæр сты паддзахады ныхмæ

Илья Дыккаг  æмæ Бидзина Иванишвилийы  фембæлдыл загъдæуыд, ома  фæстаг рæстæджы  резонансон   фæзындтæ  æнæ æрмæст  аргъуанмæ  бырст у, фæлæ ма  афтæдæр  сты  паддзахады  ныхмæ – уый фæдыл   Гуырдзыстоны патриархийы  ахæлиугонд   информацийы  мидæг дзырдæуы.

Патриархийы  хъусинагæй,   Æппæт  Гуырдызстоны  Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг,  парти «Картули Оцнеба»-ы   сæрдар Бидзина  Иванишвили æмæ  йæ къай, Экатерина Хведелидзейæн, сæйраг сауджындтимæ  иумæ   сфысым кодта.

«Цытджын  Бидзина   ракой кодта  фæстаг  рæстæджы   фæзындты тыхæй,  кæцыты расайдтой  бæрæг   æнæбæрнон  аххосæгтæ  æмæ дзыллæйы  мидæг стыр  мæстыдзинад  сцырын ис.  Загъдæуыд уый дæр, ома  ахæм  архæйдтытæ  не  сты æрмæст аргъуанмæ бырст, фæлæ  ма  сты   æнæхъæнæй  паддзахады  ныхмæ.

Патриарх  йæхи æрдгæй,   хъусдард раздæхта  Гуырдзыстоны раз  уæвæг  æндæр сидтыты  æрдæм  æмæ   бæстæйы  цæугæ  процесстæм.

Фембæлды  кæрон   Каталикос-Патриарх  Бидзина Иванишвилийæн æмæ Экатерина Хведелидзейæн,  уазæгуаты  бацыды тыххæй  бузныг загъта æмæ сын ракуывдта», –  банысангонд у  Патриархийы  информацийы.