Парти «Гуырдзыстонæн» цалдæр сакребулойы  сæрдары кандидатурæтæ бавдисын хъавы, «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ «Националон Змæлдæн» та,  хæдивджыты позицитæ æнхъары
Парти «Гуырдзыстонæн» цалдæр сакребулойы сæрдары кандидатурæтæ бавдисын хъавы, «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ «Националон Змæлдæн» та, хæдивджыты позицитæ æнхъары

Парти «Гуырдзыстонæны» цалдæр  сакребулойы,  сæрдары кандидатурæтæ бавдисын хъавы, «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ «Националон Змæлдæн» та  хæдивджыты  позицитæ æнхъары.

Уый фæдыл  абоны брифингыл  партийы  уæнг  Кахабер Кемоклидзе  райхъусын кодта.

Кахабер Кемоклидзе  куыд банысан кодта афтæмæй,  уый зæгъгæ се рдгæй у  ноджы иу къахдзæф  бæстæ æмæ цæрджыты  сегасдæр хуыздæр интерестæй рацæугæйæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ парти «Гуырдзыстонæн»  бавдыст у куыд Тбилисы, афтæ, зæгъæн ис, алы  регионы сакребулоты а.х. скуыддзаггæнæг хъæлæсимæ. Уый ма  загъта, цæмæй  сæ парти  банхъарыд «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ  «Националон Змæлдæн», æргомæй райдыдтаит  диалог Сакребулойы сæрдæртты æмæ хæдивджыты  сывзарыны темæйыл, фæлæ  ацы æнхъарæныл реакци нæ уыд.

«Уый тыххæй дæр, муниципалитетты, цы ран парти «Гуырдзыстонæн» бавдыст у  скуыддзаггæнæг  хъæлæс кæмæн ис,  уыцы мандатæй,   сывæрдзыстæм  нæ кандидатурæтæ, сакребулоты сæрдæртты  позицитæм. Нæ хъуыдымæ гæсгæйæ,   ацы  конфигурацийы, дыууæдæр, (куыд «Бæллицц»  афтæ «Националон Змæлд» дæр)  фыццаг æмæдыккаг   бынæттæ бацахсæг партитæ  сразы уыдзысты нæ кандидатурæтимæ æмæ  сæхæдæг ацы партиты минæвæрттæ та уыдзысты сакребулойы сæрдары  хæдивджытæ.  Уый у махы æрдгæй  ноджы иу  размæ арызт къахдзæф, цæмæй  архайæм  бæстæйы алкæцы муниципалитеты æмæ æмбæстагы  сегасдæр хуыздæр интерестæм æмбæлгæйæ  æмæ нæхи аиуварс кæнæм   кæцыфæнды типы  кризисæй муниципалон  сакребулоты, кæцытæ  хъуамæ контрол кæной  бынæттон æххæстгæнæг  хицауад», – райхъусын кодта Кахабер Кемоклидзе.

Кемоклидзе ма æрсидтис «Бæллиццмæ», ног сакребулоты  сбæлвырды агъоммæ, ма  бауадза  уæвæг  сакребулотæй муниципалон бюджеты  сбæлвырд. Уый ма баздæхт  Централон Æвзæрстгæнæг Комиссимæ  куырдиатæй,  æнæаргъæвгæйæ æрхона  ногæвзæрст  муниципалитетты сакребулоты  рабадтытæ.