Парти «Гахариа Гуырдзыстонæн» уазæгдон «Шератон Батумы» фæдыл фидиуæн парахат кæны.
Расидæны куыд фыст ис, афтæмæй, «Гиорги Гахариайылтыхмидзинады тыххёй рæстдзинад сбæлвырдæн баххуыс кæныны бæсты, Шератон Батуми, режимимæ иумæ, æфхæры активистты, кæцытæ протест кодтой Шератон Батумийы æхсты æмæ уый фæстæ бæлвырдгæнæнты скуынæг кæныны æмæ æмбæхсты тыххæй».
«Уазæгдоны хъусынгæнинагмæ гæсгæ, режим райдыдта æрбахонын активистты сæ сабырадон протестмæ «Шератон Батумийы» æддейæ». «Шератон Батуми», кæцы бабырсты тыххæй пъæлицæмæ нæ фæдзырдта, æрмæст æвæстиатæй архайдта æмæ пъæлицæмæ фæдзырдта, активисттæ уазæгдоны æнæзаконон архайдтыты ныхмæ сабырæй куы равдыстой сæ ныхмæлæуд.
«Фæнды нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цæмæй «Шератон Батуми» фыццаджыдæр сарæзта æппæт æмбæлон уавæртæ уазæгдоны бабырстæн (уый ссыгъдæг кодта уазæгдоны вестибюль персоналæй æмæ нæ фæсидтис полицимæ), уый фæстæ скуынæг кодта материалон бæлвырдгæнæнтæ инциденты бынатыл æмæ режимимæ æмгуыстæй, æнцондæр кодта сæйраг бæлвырдгæнæнтæ – камерæтæ бамбæхсын», – дзырдæуы Гуырдзыстоны Гахариайы хъусинаджы.