Парламепнты Вахтанг Гомелауримæ байхъусдзысты
Парламепнты Вахтанг Гомелауримæ байхъусдзысты

Парламепнты Вахтанг Гомелауримæ байхъусдзысты

Гуырдзыстоны парламенты абон ПÆК-ы мсæрдар Вахтанг Гомелауримæ байхъусдзысты. Вахтанг Гомелаури депутатты раз алыазон хаццæг бавдисдзæн, формат та æдæгæй æхгæд уыдзæн.  Сæрмагондæй ПÆК-ы къухдариуæгы хаууæгы байхъуысты хай гом уыдзæн, фæлæ фарста-дзуаппы рæстæджы рабадт æрцæудзæн æхгæд.

Гуырдзыстоны парламенты хъахъæды æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Ираклий Сесиашвилийы расидæнмæ гæсгæ, уый æнхъæлмæ кæсы, цæмæй конкретон факты фæдыл æмæ расидæнтимæ иумæ, Вахтангг Гомелаури рискты фæдыл ноджы деталон информаци адæтдзæн депутаттæн.

Вахтанг гомелаурийы байхъуысты формат æнæрайсгæ у парламентон опозицийы бæрнонтæн. «Националон змæлды уæнг, Саломе Самадашвилийы ныхасмæ гæсгæ, гом хъуамæ уа фарста-дзуаппы хай дæр. Опозицийы уæнгтæ Вахтанг Гомелауримæ фарстатæ ис арæнты демаркаци, окупиргонд териториты æмæ окупацион хахыл уæвæг ситуаций         ы фæдыл, Панкисы арæзт спецопераци æмæ Мачаликашвилийы фарста.