Парламенты закъондæттæн ивæндзинæдтæ инициргонд сты, кæцытæ  сæ хъуыдыйы дарынц  Гуырдзыстоны дипломатийы академийы сырæзт
Парламенты закъондæттæн ивæндзинæдтæ инициргонд сты, кæцытæ сæ хъуыдыйы дарынц Гуырдзыстоны дипломатийы академийы сырæзт

Парламентон бюройы абоны рабадтыл закъондæттæн ивæндзинæдты инициргонд уыд, кæцытæ æхсæнадон барады юридикон уæнг – Дипломатийы академийы сырæзт йæ зæрдыл дары.

Закъоны проекты ис фыст, цæмæй академи райсдзæн Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады хицауиуæгады сферæйы архайæг уæлдæр ахуырадон уагдоны статус æмæ бакалавриаты æмæ магистратурæйы программæтæ сыххæст кæндзæн, афтæ дæр иу афæдзы дæргъы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курс.

Ивæндзинæдтæ афтæ дæр æххæст кæнынц дипломатон кусджыты цæттæ кæныны ног системæ, кæцымæ гæсгæ, дипломатон бынатмæ «Дипломатон службæйы рацæуыны уагæвæрдмæ» гæсгæ, Академийы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны иу афæдзы курс æнтыстджынæй ахицæн кæныны сертификат кæмæ ис, ахæм адæймæгтæ снысан уыдзысты.

Закъоны проект ивы дипломатон рангтæ снысан кæныны уагæвæрдтæ æмæ уæрæхдæр кæны уæлдæр дипломатон бынæтты номхыгъд, кæцытæн гæнæн ис лæвæрд æрцæуа уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвары ранг.

Зæрдылдарæнæн, ацы аз 8-æм майы Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе хицауады рабадтыл расидтис, цæмæй хицауады æскъуыддзагæй сырæздзæн уæлдæр ахуырадон уагдон – Гуырдзыстоны дипломатийы академи. Премьер-министры ныхасмæ гæсгæ, хицауады хæс у дипломативон службæйæн бæрзонд квалификацион кадртæ бацæттæ кæнын, кæцы нысаниуæгджын у бæстæйы æттагполитикон позицитæ ноджы фæтыхджындæр кæнынæн.