Гуырдзыстоны парламент йæ куыст, официалонæй сног кæндзæн 7 февралы.
Регламентмæ гæсгæйæ, закъондæттæн органы уалдзæгон сессийы куыст февралы фыццаг дыццæджы райдайы.
Цæугæ азы уалдзæгон сесси тынгæ æфсæст уыдзæн. Райсинаг сты цалдæр уынаффæ Еврокомиссийæ Гуырдзыстоны лæвæрд рекомендациты фæдыл. Сæ нымæцы, парламент хъуамæ сывзара адæмон хъахъхъæнæгы, кæцыйы сывзарыны процесс, закъондæттæг оргæны ивгъуыд азы иу хатт нырид фæкъуыхцы ис, политикон фарсытæ, кандидаты фæдыл не бадзырдтой.
Уалдзæгон сессийы фæлгæтты парламент æнхъæлмæ кæсы Венецийы комиссийы хатдзæгмæ дæр а.х. деолигархизацийы фæдыл закъонопроектмæ гæсгæ, кæцыйы хицаугæнæг бал рекомендацитæ райсыны нысанæн Венецийы Комиссимæ ивгъуыд азы арвыста.
Еврокомссийы рекомендацитæй уæлдай, парламенты уалдзæгон сессийы дискуссийы темæ уыдзæн паддзахадон уагдæтты хыгъдлæвæрдтæ. Смæ нымæцы премьер-министры, паддзахадон æдасдзинады куысты, Гуырдзыстоны Националон Банкы, паддзахадон аудиты куысты, афтæма адæмон барты хъахъхъæнæджы.
Уалдзæгон сессийы рæстæджы, политикон фарсытæм уыдзæн фадат интерпелляцийы форматæй спайда кæнын, афтæма министры сахаты форматы хицауады минæвæрттæм байхъусыны æмæ сæ куыстæн аргъ скæнынæн.
Регламентмæ гæсгæйæ, уалдзæгон сесси июны кæрон фæуыдзæн.