Парламенты сæрдары фидиуæнмæ гæсгæ, ногæй æвзæрстыты ауагъд нæ цæуы каст
Парламенты сæрдары фидиуæнмæ гæсгæ, ногæй æвзæрстыты ауагъд нæ цæуы каст
Ногæй æвзæрстыты ауагъд нæ цæуы каст æмæ хицауадон институтты фæурæд нæ хъавæм –уый фæдыл гуырдызстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе социалон хызы фыссы.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æмбæстæгты æвзæрст фарстайы бын нæ слæудзæн .
«Æнæкæсгæ пандемимæ, дыууæ милуаны онг нæ æмбæстæгтæ райстой æвзæрстыыт хайад æмæ махæн нæй бар фарстайы бын сывæрæм уыцы æвзæрст.Ис диалог опозициимæ æмæ быдзырды фадат ис. Фæнды мæ минæвæрттæн ноджы иу хатт бузныг расидон диалогы фарсылхæцындзинадæн» -фыссы Талакъвадзе.
Опозици, 31-æм октябры уагъдгонд æвзæрстыт фæстиуджытæ фалсифициргонд хоны æмæ парламентмæ бацæуын нæ хъавы. Гуырдызстоны Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæртты инициативайæ арæзт фембæлдтыл хицауад æмæ опозицийы æхсæн бдзырд ныры онг нæ у æхæхст.