Парламенты сæрдары фидиуæнæй, зæгъгæ ноджы иу хатт сбæлвырд ис, цæмæй Гиорги Гахариа архайдта сæрмагонд интерестæй
Абон ноджы иу хатт сбæлвырд ис, цæмæй Гиорги Гахариа архайдта сæрмгаонд интерестæй æмæ йæ хæлæртты дæр бауырныны кодта аытæ архайын- уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе фехуъсын кодта журоналисттæн.
Арчил Талакъвадзе куыд загъта афтæмæй, зæгъгæ консолидацидзинад, иумæйаг уынаффæтæ, иумæ кусын куы уыдис сегасдæр æнæмæнгхъæугæ, укæд Гиорги Гахариа фæуагъдта йæ бал, стæй та йæ хæлæрттæ ныууагъдтой парламентон фылдæрты рæнхъытæ.
«Куыд парламенты спикер, райгонд дæр æмæ аргъ кæнын уыцы ахастæн, ома депутаттæ мын рагафон фехуъсын кодтой сæ уынафæйы тыххæй. Гиорги Гахариайы æмæ конкуренцийы тыххæй куы зæгъæм, уæд уый фылдæр баст уыдзæн, цы парти сараздзæн, чи уыдзысты йæ партийы укæнгтæ æмæ цы политикон платформæ сывзардзысты уыдон. Ис тынг бирæ фарст æмæ ацы фарсттыл дзуаппытæ раттын бахъæудзæнис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фылдæр сæ зæрдæ хсайдзæн оппозицийæн, кæцы не сразы ис парламентмæ æрбахизын. Уынджы протест фæкъотри ис, уымæн æмæ дзыллæ уыйимæ разы нæу. Политикæйы афтæ вæййы, оппозици йæ бынат куы сафы, ацы бынат иу бацахсы æндæр, уыдзæн уый Гиорги Гахариа æви нæ, уый нын бæрæг суыдзæн дарддæр процесстæй» – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.
Гуырдзыстоны парламенты æхсæз укæнг, абон парти «Гуырдзиаг Бæллиццæй» сæхи райстой.