Парламенты сæрдармæ уагъд цæуынц фылдæрты æмæ къаддæрдæрты æхсæн æхкæд консультацитæ
Гуырдзыстоны парламенты сæрдаримæ уагъд цæуынц фылдæрты æмæ къаддæрдæрты æхсæн æхкæд консультацитæ.
Ираклий Къобахидзейы кабинеты æрымбырдæй сты Гига Бокъериа, Давит бакрадзе æмæ Серги Капанадзе.
Консультацитæ уагъд цæуынц резолюцийы уыцы текстмæ гæсгæ, кæцыйы райсын закъондæттæг орган хъавы Арчил Татунашвилийы марындзинады факты фæдыл.
Фембæлды райдаыны размæ Серги Капанадзе куыд банысан кодта афтæмæй, ис равг æмæ цæттæдзинад уымæ, цæмæй фылдæртæ æмæ къаддæрдæртæ резолюцийы иумæйаг проектыл сразы уыдзысты.