Парламенты сæрдар нæ цух кæны, цæмæй парламентмæ ноджы иу опозицион парти бацæуа
Парламенты сæрдар нæ цух кæны, цæмæй парламентмæ ноджы иу опозицион парти бацæуа
Мах æмæ «Æмбæстæгты» позици æвзарæнон реформайы фæдыл тынг æввахс у æмæ гæнæн ис æмæ парламентмæ ноджы иу опозицион парти бацæуа, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе сиды.
Талакъвадзе банысан кодта, цæмæй цалдæр деталы сбæлвырдæн куыст адаргъ кæндзысты.
Йæ фидиуæнмæ гæсгæ, æвзарæнон реформæйы фæдыл инициативатæ хицангæнæг къордæй фарсылхæцындзинад райста.
Парламенты сæрдары ныхасмæ гæсгæ, ныфс дары, цæмæй бадзырдты фæстиуæг парти «Æмбæстæгтимæ» бадзурдзысты æмæ банысан кодта, цæмæй бадзырд гом у иннæ опозицион политикон партитæн дæр.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары фидиуæнмæ гæсгæ, хицауад æнæрадон æвзæрстыты ауагъд нæ план кæны, уымæн æмæ æвзæрстытæ конкурентон тыгъдады фундаменталон барты хъахъхъæдæй сырæзтысты æмæ легитимон сты.
Йæ сбæлвырдмæ гæсгæ, иу къуырийы мидæг Гуырдзыстоны парламент регламентмæ гæсгæ, фæуынаффæ кæндзæн уыцы депутатты барты фæурæдыл, кæнæ нæфæурæды фæдыл, кæцытæ фидиуантæ æрбахастой.