Парламенты рабадт, кæцыйыл Вахтанг Гомелауримæ хъуамæ байхъуыстаиккой, фæкъуыхцы ис
Парламент уæлрадон сессийы пленарон рабадт, кæцыйыл мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелауримæ хъуамæ байхъуыстаиккой, фæкъуыхцы ис.
Парламенты сæрдар Каха Кучъавайы фидиуæнæй, абоны рабадт æхгæны, уымæн æмæ политикон кордты нысан нæ уыд рабадт ауадзын æмæ фарстытæ раттын.
«Абон цы федтам уый фыццаджы дæр организацигонд уыд, цæмæй абон ацы рабадт ма ацыдаит. Хъыгаг у, уымæн æмæ фæурæды рæстæджы хъуыстон фидиуæнтæм, кæцыты рæстæджы политикон кордтæ æргомæй нысан кодтой, цæмæй сæ нысан нæ уыд абоны рабадт ауадзын, цæмæй раттаиккой фарстытæ æмæ фехъуыстаиккой дзуаппытæм. Ахæм режимы фарсты кæсын нæ цæуы уыцы нысанæн, кæцыйы тыххæй æрымбырд стæм æмæ снысан ис уæлрадон рабадт. Уый тыххæй абоны рабадт æхгæнын бюройыл фæуынаффæ кæндзыстæм, æндæр уæлрадон рабадтыл цы фарстытæ æркæсдзыстæм» – райхъусын кодта Кучъава.
Мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури ныридæгæн йæхи айста парламентæй.