Парламенты сæрдар, Ираклий Къобахидзейы расидæнмæ гæсгæ, æвзарæнон коллегийы президенты æнæкомкоммæ сывзæрсты уагæн йæхи нæгативон фарсытæ ис æмæ парламент президенты сывзæрст юридионæй растдæр у. Фыццаг канал Ираклий Къобахидзейы сконкрет кæнын æркуырдта, цы дары йæ зæрдыл дары знон арæзт расидæн, уый фæдыл æмæ административон рангы æвзæрстыты спайда политикон типфы æвзæрстытæн раст нæу. Йæ ныхасмæ гæсгæ, конституцион ивæндзинæдты бакасты процесс политизиргонд у, кæцыйæн йæ къух аразы оппозици, президент æмæ æндæр субъекттæ.Парламенты сбæлвырдгонд Конституцимæ гæсгæ, 2024-æм азы Гуырдызстоны президенты æвзарæнон коллеги сывзардзæн, кæцы 300 уæнгæй у конд. Се æхсæн 150 парламенты уæнг у, иннæ 150 та хæдуынаффæйы органты бæрнонтæ сты.