Парламенты пленарон рабадтыл хъæлæба уыд
Парламенты пленарон рабадтыл хъæлæба уыд

 Парламенты пленарон рабадтыл хъæлæба уыд

«Гуырдзийаг бæллиц» æмæ опозицийы бæрнонты æхсæн хыл парламентон фылдæры хай Ираклий Бераяйы, опозицион депутат Теона Акубардиайы фидиуæны фæдыл æрцыд.

Хатия Деканоидзе расидтис, цæмæй Ираклий Берая æмæ Алуда Гъудушаурийы, Ана Цъитладзе æмæ Теона Акубардиайы  æрдæм арæзт фидиуæнтæ сты сексистон. Сылгоймæгтæн æгад æмæ тыхми хæссæг, кæцы ма хъуамæ баззайа æнæреакцийæ.

Абон парламнеты рабадтыл, хихъахъæнад æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Ираклий Берая, фæлитой хуыдта депутат Теона Акуьардиайы, кæцы НАТО-йы парламентон ассамблеайыл æнæэффектон куысты фæахосджын кодта. «НАТО-йы паралментон ассамблеайыл Гуырдзыстоны фарста куыд уыд хаст, Теона Акубардия иу хатт дæр нæ уыд залы. Уый уыд кæнæ шоппингыл, кæнæ та ныуæсджын æмæ фæзивæг кодта рабадтыты хайад райсын» – расидтис Берая.