Парламенты пленарон рабадт нæ райдыдта  кворум кæй нæ баххæст ис  уый  тыххæй
Парламенты пленарон рабадт нæ райдыдта кворум кæй нæ баххæст ис уый тыххæй

Гуырдзыстоны парламенты пленарон рабадт ацы афонмæ нæ  райдыдта.  Депутаттæ регитсраци нырид  дыккæгæм затт ацыдысты, фæлæ кворум нæ сырæзт.  Регистраци ацыд 73 депутат, рабадты байгомæн  та  хъæуы 76 закъондæттæг.

Пленарон рабадтыл  оппозицийæ  сты  «Гирчийы»  миæвæрттæ, Теона Акубардиа. Тариел Накаидзе, Фридон ИНджиа  æмæ Автандил Энукидзе.

Оппозицийы иннæ  хай  рабадтмæ нæ фæзынд. Уыдон  политикон бойкот расидтысты.  Ацы рæстæгмæ  рабадтыл  райхъусын кодта  цалдæрминутон  улæфт, цæй фæстæ дæр  ацæудзæн  ног  регистраци.

Регламентмæ гæсгæйæ, рабадтыты   залы  кæд нæй  парламенты  уæнгты  æгъгъæд нымæц, регистрацийы ауадзынæй 15 минуты дæргха рабадты   сæрдар  ауадз  дыккаг регистраци. Кæд ацы  хатт дæр  нæ  разындис  парламенты уæнгты æгъгъæд нымæц, рабадты с æрдар  иннæ  45 минуты дæргъы ауадздзæн ног регистраци. Кæд та  ацы  хатт дæр нæ æрымбырд уыдзысты æгъгъæд депутаттæ, уæд регистраци  уыцы  процедурæйæ ацæудзæн изæры  рабадтыл.  Сæрмагонд  цауты рабадты сæрдармæ ис бар   разæсса æндæр уынаффæ.