Паддзахадон æдасдзинады куысты 2020 азы хыгъдлæвæрдмæ хъусдзысты абон парламенты. Документы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады, юридикон фарстæты, афтæма адæймаджы барты хъахъхъæды æмæ æмбæстагон интеграцийы комитетты иугонд рабадтыл ПÆК-ы къухдариуæггæнæгы фыццаг хæдивæг Алекси Батъиашвили бавдисдзæн.
Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар, Ираклий Бераиайы фидиуæнæй, хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, бæстæйы националон æдасдзинады номыр фыцццаг проблемæ фæстæмæ у Уæрæсейаг оккупаци æмæ уырдгæй равзæргæ фæстиуджытæ, куыд æнæзаконон бордеризаци æмæ æмбæстæгты æнæзаконон æрцахстытæ.
Документы афтæдæр дзырдæуы конвенцион æмæ гибридон æртъхъирæнты фæдыл. Ираклий Бераиайы æмбарынгæнæнтæм гæсгæйæ, ПÆК-ы куыст бæрзонд аргъы аккаг у\э уымæн æмæ уагдон нысаниуæгджын къахдзæфтæ сарызта эгзистенциалон проблемæтæ ныхмæ.
ПÆК-ы 2020 азы хыгъдлæвæрд закондæттæг органы, парламенты регламентмæ гæсгæйæ, 14 апрелмæ уыд хаст.