Парламенты  паддзахадон æдасдзинады куысты  минæвæрттæм байхъусдзысты
Парламенты паддзахадон æдасдзинады куысты минæвæрттæм байхъусдзысты

Парламенты  æддаг  ахастыты  комитеты  æмæ территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæныны  æмæ  деокупацийы   фарстатимæ баст  рæстæгмæ  комиссийы   иугонд  рабадтыл   абон ПÆК-ы   кусджытæм хъусдзысты.

Къорды къухдариуæггæнæг  паддзахадон  æдасдзинады   куысты   хистæры  хæдивæг   Адександре  Ходжеванишвили  уыдзæн,  раныхасгæнæг та,  уагдоны   аналитикон   куысты    департаменты   къухдариуæггæнæг  Гиорги Сабедашвили.  Касты   сæйраг   темæ  фæстаг  периоды   дæргъы  окупиргонд   Абхазы  айтыггонд  процесстæ  сты.

Æддаг ахастыты  комитеты   сæрдары  куырдиатæй,   комитеты   уæнгтæ    бынатыл   аскуыддзаг кæндзысты, æрцæудзæн æви нæ  æхгæд    рабадт. Ираклий  Бераиайы   дзырдæй,   зæгъгæ депутаттæм ис  фарстытæ, куыд  окупиргонд  Абхазы   цæугæ  процессты  тыххæй,   афтæ Цхинвалы   сырæзт  уавæры æмæ  уым цæрæг   æмбæстæгты   æдасдзинады  тыххæй.

Бæрæг куыд   у,  афтæмæй,  иугонд  рабадты  хайад нæ исдзысты  «Националон Змæлд»  ææ   фракци «Европаг Гуырдзыстоны»  минæвæрттæ.   Уыдон   политикон   бойкоты  режимы уæвын   дарддæр кæнынц.