Парламенты, «хæдзарон  цæрæгойты фæдыл» закъонопроекты презентаци ацыд
Парламенты, «хæдзарон цæрæгойты фæдыл» закъонопроекты презентаци ацыд

Æрдзы хъахъхъæды æмæ   æрдзон ресурсты комитеты парламенты «Хæдзарон цæрæгойты фæдыл»  Гуырдзыстоны закъоны проекты хицауадон  презентаци ауагъдта.  Презентацийыл уыдысты   парламентон сæрдар  Шалва Папуашвили, Гуырдзыстоны хицауады, бынæттон  хæдуынаффæты  æмæ æхсæнадæмон  организациты  минæвæрттæ, афтæма цæрæгойты барты  хъахъхъæнджытæ.

«Закъонопроект, кæцы 2025 азы  июны  бахиздзæн йæ тыхмæ, йæ нысан у  адæймаджы æмæ  хæдзарон цæрæгойтæн  æдас  цæрынæн уавæртæ скæнын, хæдзарон цæрæгойтæм зилыны æмæ  популяцитæн фæткдæттыны  гуманон принципты æмæ методты  æрфидар кæнын. Сæрмагондæй, та закъонопроет тобæ кæны  цæрæгойты ныууадзын  æмæ уынгмæ раппарын.  Афтæма бæрæг кæны   цæрæгойты фæдыл фарстаты  фæткдæттыны сферæйы  æххæстбарджын  оргæнтæ  æмæ цæрæгойты бирæкæнын-популяцийы, бахъуаджы цауы стерилизаци-кастрацийы  фарстатæ.  Закъонопроектмæ гæсгæ,  сбæрæг уыдзæн  хицæн æмбæхсæнтæ саразыны æмæ  куысты  сферæтæ.  Кинологион уагдæтты  хæстæ  æмæ бартæ. Цæрæгойты   фатеры  дарыны æмæ йæм  зианы  фæтк.

Закъондæттæн   пакеты бавдисыны фæстæ  ацыд дискусси.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст.