Парламенты Юстицийы советы æнæтæрхонгæнæг уæнгты кандидаттæн хъæлæскæнынады дыккаг тур абон ацæудзæн
Парламенты юстицийы бæрзонддæр советы æнæтæрхонгæнæг уæнгтæн хъæлæс кæныны дыккаг тур ацæудзæн. Уый фæдыл абон бюройы рабадтыл парламенты сæрдар Шалва Пауашвили фехъусын кодта.
Папуашгвилийы дзырдæй, абон хъæлæскæнын ацæудзæн цыппар сегасдæр хуыздæр фæстиуæг кæмæн ис, уыцы кандидаттыл.
Знон Юстицийы бæрзонддæр советы «æнæтæрхонгæнæг уæнгты сывзарыны процессы дыууæ вакантон бынат баззад, уымæ гæсгæ дæр цыппар сегасдæр хуыздæр фæстиуæг кæмæн ис, уыцы кандидаттæ ахызтысты дыккаг турмæ æмæ ууыл дæр уыдзæн хъæлæскæнынад», – банысан кодта Папуашвили.
Парламент знон Юстицийы бæрзонддæр советы 3 æнæтæрхонгæнæг уæнгы сывзæрста, баззайгæ дыууæ вакантон бынатмæ сывзарынæн та хъæлæскæнынад ног ацæудзæн. Зноны пленарон рабадтыл юстицийы бæрзонддæр советы æнæтæрхонгæнæг уæнгты фондз вакантон бынатмæ сывзарынæн, æмтгæй райсгæйæ, 29 кандидатæн схъæлæс кодтой. Хъæлæсты хъæугæ нымæц райстой Тристан Бенашвили (93 разы, нул йæ ныхмæ), Гиорги Гзобава (91 разы) æмæ Зураб Гураспашвили (93 разы хъæлæс).